Зары трагедийæ 32 азы рацыды охыл

Зарская трагедия

Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – гуырдзиаг агрессийы амæттæгты Мысæн æмæ хъынцъымы бон.

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Ацы æгъатыр трагеди ирон адæмы историйы сау дамгъæтæй фыстæй баззайдзæн æнустæм. 

Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ. 

Хъыгагæн, ахæм тугахуырст фыдракæндтæ чи арæзта, чи сæ æххæст кодта, уыдонæй æфхæрд ничи баййæфта. Зары трагедийы размæ дæр æмæ йæ фæстæ дæр ирон адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрстой гуырдзиаг фашистон режимты æбуалгъ фыдракæндтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй æнæфхæрддзинад расайы ног фыдракæндтæ. Уымæн ирд æвдисæн у 2008 азы майрæмты мæйы Гуырдзыстоны хæстон агресси. 

Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Ирыстонæн æнустæм баззайдзæн хъынцъым æмæ фыдохы бонæй. 32 азы рацыд, фæлæ хъæдгæмттæ ныма дæр нæ байгас сты. Ныма дæр ис ныфс, фыдæх æфхæрд кæй баййафдзæн. Ацы фыдракæндæн рох гæнæн нæй. 

Зары хъæуы трагедийы бынаты фæмардуæвджыты рухс номыл æвæрд æрцыд мемориал «Хъынцъымгæнаг мад». Æрвылаз дæр ацы бынаты æрæмбырд вæййынц адæм, цæмæй иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссарой канд Зары фæндагыл æнæаххосæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ нæ, фæлæ ма æндæр æмæ æндæр азты ирон адæмы геноциды гуырдзиаг агрессорты къухтæй чи фæмард, йæ Фыдыбæстæйы хæдбардзинады сæрыл тохы чи ратта йæ цард, уыдон рухс нæмттæ дæр. 

Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон

20.05.2024