Рухæны мæйы 30-æм бон Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци хайад райста Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бонæй 30 азы рацыды цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.
Цытджын мадзæлттæ райдыдтой 1992-1993 азты Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты Мемориалмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийæ. Дидинтæ ма сæвæрдæуыд Абхазы Фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы Мемориалмæ, кæцы ис хъæу Дæллаг Эшерайы.