Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады банымадæй æхсæрдæс азы рацыды цытæн

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады банымадæй рацыд æхсæрдæс азы.

Хуссар Ирыстоны ног историйы ацы ахсджиаг бон баст у 2008 азы майрæмты мæйы трагикон цаутимæ. Уæд æппæт æхсæнадæмон бадзырдадты сæрты ахизгæйæ, Саакашвилийы фыдракæнд режим расидт гæрзифтонг конфликт æмæ йæ разы сæвæрдта хæс, цæмæй æнæбасæтгæ ирæтты фесафа зæххы цъарæй æмæ Хуссар Ирыстоны та фестын кæна «сыгъдæг быдыр».

2008 азы хæсты размæ хуссарирыстойнаг адæм рацыдысты арæзтады зын фæндаг. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон хæстон тæссагдзинады уавæрты хи паддзахаддзинады арæзтад ссис сæрибар цард бахъахъхъæныны иунæг фадат. Уæды рæстæджы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл рахастæуыд ахсджиаг уынаффæтæ æмæ реализацигонд æрцыдысты бындурон политикон-барадон къахдзæфтæ, кæцытæ æркодтой Республикæйы суверенон статусы æхсæнадæмон банымадмæ.

2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон гæрзифтонг æрбабырстытæ æмæ ирæтты геноцидæн кæрон æркæныны фæдыл, Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Ацы цау ссис историон рæстдзинады акт, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмæн ис æдасдзинад æмæ стабилон размæдзыд.

Абоны бон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ размæ цæуынц. Уæвæг дывæрсон бадзырдон-барадон бындуры фæрцы ис æхсæнпаддзахадон бастдзинæдты алы фадыджы райрæзты фадат дæр. Уæрæсейы Федераци у нæ Республикæйы сабырад æмæ æдасдзинады гарант.

Хуссар Ирыстоны алыхатт дæр бузныг уыдзысты ирон æмæ уырыссаг солдаттæ æмæ офицертæй, мæлæты раз æххуысы къух чи фæдаргъ кодта æмæ йæ цард нæ Фыдыбæстæйы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау чи снывонд кодта, æппæт уыдонæй.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмбæстæгтæ!

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 26-æм бон

26.08.2024