Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды тыххæй Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл Сырх дзуары æхсæнадæмон комитеты Минæвар Агнес Котуимæ

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 21-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Кавказы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстаты фæдыл Сырх дзуары æхсæнадæмон комитеты (СДÆК) Минæвар Агнес Котуйы.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей, Хуссар Ирыстоны Президенты Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Æххæстбарджын Минæвары хæстæ ‘ххæст кæнæг Коцты Егор, Хуссар Ирыстоны Президенты цур адæймаджы барты фæдыл Æххæстбарджын Тасойты Инал.

СДÆК-æй – Æдасдзинады хайады кусæг Тедеты Нана.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Æбæрæгæй фесæфтуæвджыты агурыны фæдыл æртæварсон координацион механизмы архайдыл.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 21-æм бон  

21.08.2024