Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбайы фембæлды фæдыл

Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия Ахсара Джиоева и Министра иностранных дел Республики Абхазия Сергея Шамба
Встреча Министра иностранных дел Республики Южная Осетия Ахсара Джиоева и Министра иностранных дел Республики Абхазия Сергея Шамба

Майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Абхазы ФХъМ-йы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Шамбайы фембæлд.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Одиссей Бигвава, Абхазы ФХъМ-йы Стратегион æмгуыстады департаменты Сæргълæууæг Джемал Бганба, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Боциты Олег.

Республикæ Абхазы Æхсæнадæмон банымады бонæй 16 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ кæй æрцыдысты, уый фæдыл Сергей Шамба раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны делегацийæн.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар дæр бузныджы ныхæстæ загъта Сергей Шамбайæн Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ дарддæр кæныны цæттæдзинады фæдыл æмæ йæ ныфс ис, алы фадыджы дæр æмгуыстад кæй уæрæх кæндзæнис.

Фембæлды рæстæджы Джиоты Æхсар æмæ Сергей Шамба Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрад æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады ‘хсæн бафыстой 2024-2025 азтæм Консультациты пълан.

Документ ис дывæрсон ахастытæ, дыууæ бæстæйы бадзырдон-барадон бындуры размæдзыд, консулон архайды фадыджы æмгуыстад, иумæйаг зонадон-практикон семинартæ, конференцитæ, тымбыл фынгты организацийы актуалон фарстатæ.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 26-æм бон

26.08.2024