Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты тыххæй Тыбылты Алыксандыры номыл ХИПУ-йы тымбыл фынджы куысты

Круглый стол в ЮОГУ
Круглый стол в ЮОГУ
Круглый стол в ЮОГУ
Круглый стол в ЮОГУ

Майрæмты мæйы 19-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста тымбыл фынг «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмахастытæ: историон хъуыды æмæ глобализацийы æрсидт»-ы куысты, кæцы ацыд  Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 16 азы рацыды цытæн ХИПУ-йы.

Мадзалы организатортæ уыдысты Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет Цæгат-Кавказаг Федералон университетимæ иумæ.

Тымбыл фынджы куысты ма хайад райстой РХИ-йы раздæры Президент Цыбырты Людвиг, РХИ-йы уæвæг УФ-йы Минæварады Уынаффæгæнæг Александр Журов, ХИПУ æмæ ЦКФУ-йы Ректортæ Тедеты Вадим æмæ Дмитрий Беспалов, зонадон æмæ политикон æмæхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы райдиан Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ чындæуыд æрæмбырдуæвджытæн.

Мадзалы хайадисджытæн ма раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар дæр, кæцы банысан кодта, дунейы ныры æдзухон ивындзинæдты уавæры Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг кæй у, цæмæй йын уа ахæм æмцæдисон, куыд Уæрæсейы Федераци – Республикæйы æдасдзинад æмæ сабырады гарант.

Тымбыл фынджы рæстæджы докладты æрдзырдæуыд ахæм темæтыл, куыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмахастытæ алыхуызон историон дугты, Уæрæсейы Федерацийы хайбавæрд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзтмæ, Цхинвал æмæ Мæскуыйы ‘хсæн æмгуыстады дарддæры размæдзыд.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 19-æм бон

 

19.08.2024