Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары балцы фæдыл Республикæ Абхазмæ

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар кусæгон балцимæ æрцыд Республикæ Абхазмæ. Джиоты Æхсарыл сæмбæлд Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Одиссей Бигвава.

Балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ‘хсæн цæттæ цæуы 2024-2025 азтæм Консультациты пъланы бафыст.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды ма сты РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты Сæрдар Дриаты Заза æмæ РХИ-йы Парламенты Экономикæ, чысыл амалкæнынад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты Сæрдар Къуезерты Арсен.

Делегаци хайад райсдзæн Республикæ Абхазы Хæдбардзинады æхсæнадæмон банымады бонæй 16 азы рацыды цытæн мадзæлтты.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 25-æм бон  

 

25.08.2024