Беслæны терактæй 20 азы рацыды охыл

МИД Южной Осетии

Кæфты мæйы 1-3 бонты Ирыстоны цæуынц Беслæны æрцæугæ æвирхъау терактæй 20 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ. Уыцы трагеди ссис Уæрæсейы ног историйы æппæты уæззаудæр æмæ æбуалгъдæр цаутæй иу.

2004 азы рухæны мæйы 1-æм бон Беслæны скъолайы Зонындзинæдты бæрæгбоны рæстæджы террористтæ амынæттæй систой ахуырдзауты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты. Скъолайы агъуысты фыдгæнджытæ æртæ боны дæргъы дардтой 1128 адæймаджы. Æртæ боны адæм хъизæмарæй мардысты æнæ хæрд æмæ æнæ донæй. Цыфыддæр фыдракæнды амæттæгтæ баисты æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр – се ‘хсæн сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ.

Ацы бон Ирыстонæн æмæ æппæт ирон адæмæн æнустæм баззайдзæн æнæбайгас хъæдгомæй.

Уыцы хъизæмайраг бонтæ æппæт дунейыл дæр бандæвтой. Теракты амæттæгтæн мемориалтæ æмæ цыртытæ канд Беслæны нæй. Ис композицитæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы. Флоренцийы ис трагедийы номыл фæзуат. Сан-Марино æмæ Турчы – арт-композицитæ.

Уæрæсейы рухæны мæйы 3-æм бон 2005 азæй фæстæмæ у Терроризмы ныхмæ тох кæныны бон – Беслæны амæттæгты мысæн бон. Ацы бонты мах арæм террористты къухтæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 3-æм бон

 

03.09.2024