Сусæны мæйы 13-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста æхсæнадæмон-зонадон конференци «Нюрнберг: Без права на реабилитацию»-йы, кæцы ацыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ).
Конференцийы сæйраг здæхт – Нюрнбергы процессы рæстаг бæрæггæнæнтæ бахъахъхъæнын æмæ нацизм сног кæныны ныхмæ тох кæнын. РХИ-йы Президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты арфæйы ныхас конференцийы хайадисджытæн бакаст ХИПУ-йы Ректор Тедеты Вадим.