Рухæны мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта X юбилейон Æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ» раттыны цытджын церемони, кæцы ацыд Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты.
Преми «Булæмæргъ»-æн 2016 азы бындур æрæвæрдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад Уæрæсейы Федерацийы, æмæ йæ сæйраг нысан у ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл чи фыссы, тæлмац кæны, уыдон æрбангом кæнын. Йæ сæйраг здæхт – литературон сфæлдыстадæн æххуыс æмæ æвзагон, культурон хæзнаты бахъахъхъæд.
2026 азы рухæны мæйы 8-æм бон