Рухæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны раз Сæйраг фæзуаты ацыд Беслæны трагедийы амæттæгты мысæн акци.
Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ.
Æрæмбырдуæвджытæ ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс ном æмæ «Хъынцъымгæнаг зæд»-ы обелискмæ сæвæрдтой дидинтæ, хъазæнтæ, дон.
Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады цур хореографион скъола-студийы хъомылгæнджытæ равдыстой литературон-пластикон композици «Память Беслана».
РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ Дзæуджыхъæуы Консулон агентады минæвæрттæ дæр исынц хайад Беслæны фыдохы мадзæлтты.
2026 азы рухæны мæйы 3-æм бон