Рухæны мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ.
Æвзæрстытæ ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынад æмæ æхсæнадæмон нормæты бындурыл. Хъæлæскæнынад цыд 75 æвзарæн фадыджы, уыдонæй 5 – Республикæйы æдде.
15 бæстæйæ 60 æхсæнадæмон цæстдарæджы иумæйаг хатдзæгмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ дзуапп дæттой æппæт æвзарæн стандарттæ æмæ демократион принциптæн, уагъд æрцыдысты сабыр уавæрты, æвзарджыты активон хайадистимæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы официалон хатдзæгон Суагъæмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны нæуæг Президентæй æвзæрст æрцыд Хъамболты Аркадийы фырт Марат.
2026 азы рухæны мæйы 19-æм бон