Рухæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвинг Джентске Уитакеры, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ, цæмæй хайад райса Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Хъамболты Мараты инаугурацийы церемонийы.
Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ Уæрæсейы Федерацийы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады Уынаффæгæнæг-Минæвар Клаудио Арана.
Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта никарагуайаг коллегæтæн æдзухон æххуысы тыххæй æмæ банысан кодта, Никарагуайы делегацийы балц кæй суыдзæн ноджы иу ахсджиаг къахдзæф дыууæ республикæйы ‘хсæн хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæныны хъуыддаджы.
Ныхасы рæстæджы нысангонд æрцыд Цхинвал æмæ Манагуайы 'хсæн партнерон ахастыты дарддæры размæдзыды ахсджиагдзинад.
2026 азы рухæны мæйы 29-æм бон