2008 азы рухæны мæйы 17-æм бон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Президенттæ бафыстой Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл бадзырд, кæцыйæ райдыдта ахастыты ног размæдзыды рæстæг.
Ацы бадзырд бындур æрæвæрдта дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон бастдзинæдты нырыккон æмвæзадæн, уавæртæ сарæзта дывæрсон диалог æмæ æмгуыстады райрæзтæн.
2008 азы сфидаргонд бындурон принциптæ райрæзтысты 2015 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бонæй бафыстгонд Æмархайд æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд, афтæмæй ма 2026 азы зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бонæй Æмархайд ауæрæх кæныны фæдыл бадзырды бафыстимæ. Ацы документтæ æппæтварсонæй дзуапп дæттынц нæ адæмты хæларады традицитæн, сты фидар бындур хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты стабилон размæдзыдæн.
Абоны бон архайынц Бадзырды бындурыл бафыстгонд бирæ дывæрсон документтæ, кæцыты фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн цæуы æппæтварсон æмгуыстад.
Бадзырды бафыстæй Уæрæсейы Федераци ссис Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны, йæ размæдзыды сæйрагдæр гарант. Уый æппæтварсонæй дзуапп дæтты дыууæ бæстæйы адæмты интерестæн æмæ регионы стабилондзинад бахъахъхъæнынæн.
2026 азы рухæны мæйы 17-æм бон