2023 азы джеоргуыбайы мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, Гуырдзыстонимæ арæнгæрон Ленингоры районы хъæу Æмдзаринмæ хæстæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæны сæрты рахизджыты ‘рцахсыны рæстæджы æрцыд цау, кæцыйы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй иу фæцæф æмæ фæстæдæр фæмард, ноджы иу æрцыд ахст.
Уæвæг информацимæ гæсгæ, уæлдæр фæнысангонд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ хауынц Гуырдзыстоны раздæры президент М. Саакашвилийы партийы радикалон минæвæрттæм. Хæдтулгæйыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны сæрты æнæзакъонæй рахизгæйæ, уыдонæн сæ фæнд уыд территоримæ мидæмæ бацæуын, фæлæ сæ арæнхъахъхъæнджытæ сбæрæг кодтой. Цыд æруромыны домæнтæ æмæ хæцæнгарзæй спайда кæныны фæдыл фæдзæхстытæм сæ хъус нæ дардтой, арæнхъахъхъæнæн службæйы хæстонты ‘рдæм æвдыстой агресси, уымæй сын сæвзæрын кодтой тæссагдзинад сæ цард æмæ æнæниздзинадæн. Æрцахсыны рæстæджы арæнхалджытæй иу фæцæф æмæ фæстæдæр фæмард, дыккаг æрцыд ахст.
Официалон Тбилисы не сты разы уæвæг æцæгдзинадтыл, фыццаджыдæр, Гуырдзыстоны арæн кæй фæуд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хахх кæуылтыл цæуы, уым. Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы ‘нæразыдзинады комкоммæ фæстиуæгыл нымайынц æрцæугæ цау. Гуырдзыстон цы позицийыл хæст у 30 азы дæргъы, уый фæстиуджытæ свæййынц Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæзакъонæй уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ‘рцахст. Афтæ паддзахадон арæныл, цыран æрцыд уæлдæр фæнысангонд цау, 2023 азы хуымгæнæны мæйæ æрцахстæуыд æхсæз арæнхалæджы.
Ацы факттæ гуырдзиаг минæвæрттæ æхсæнадæмон æмвæзадыл рæгъмæ хæссынц афтæхуыйнæг «нæзакъонæй давдтыты» хуызы, уый официалон Тбилисы хъуыдымæ гæсгæ дзуапп дæтты дунеон æмæхсæнадæн æнæуæвæг «Гуырдзыстоны территорийы хайы оккупаци»-йы хъарынæн.
Ахæм позици нымайæм бынтон æнæбындуроныл æмæ бæрæг у, йæ фæдыл кæй сайы уæлдæр фæнысангонд цаутæ, кæцытæн сæ бон у, æмæ ‘ркæной уавæры æндыгъддзинадмæ. Республикæ Хуссар Ирыстон дарддæр дæр архайдзæн закъонмæ гæсгæ, цæмæй йæ суверенон территори æмæ уæлдæфон тыгъдады арæнтæ хъахъхъæд цæуой.
Ногæй сидæм Тбилисмæ паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст райдайынмæ, цæмæй куыд æмбæлы, ахæм фæткмæ гæсгæ уа фадат йæ сæрты рахизынæн.
Цхинвал, 2023 азы джеоргуыбайы мæйы 7-æм бон