Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн Израилы хæстон-уæлдæфон тыхты ‘рдыгæй Сирийыл уæлдæфон атакæйы фæдыл

МИД Южной Осетии

Сирийы Хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, кæфты мæйы 2-æм бон Израилы хæстон-уæлдæфон тыхтæ фæцæф кодтой Сириаг Араббаг Республикæйы территорийы. Атакæйы рæстæджы фæмард сты 3 адæймаджы, ноджы æртæ та фесты цæфтæ. 

Хуссар Ирыстоны сты израилаг фарсы архайдтыты ныхмæ, кæцыты фæстиуæгæн хæлд цæуынц САР-йы суверенитет æмæ æхсæнадæмон барады бындурон нормæтæ. Радон хатт та атакæйы сæйраг нысан уыдысты Сирийы инфраструктурæйы ахсджиаг объекттæ, сæйрагдæр та – цæрджытæ. 

Æввахс Скæсæны эскалацийы уавæры ахæм агрессивон архайдтытæн уæвæн нæй, уымæн æмæ тæссаг сты æвирхъау фæстиуджытæй. 

Сидæм, цæмæй тыхæй ма спайда кæныны принцип æххæст цæуа æмæ уæвæг быцæудзинæдтæ та бæстон цæуой политикон-дипломатон хуызы.

Цхинвал, 2024 азы кæфты мæйы 3-æм бон

03.10.2024