Новости

Archive

2012 азы 26 февралы Сирийы уагъд æрцыдис референдум Сириаг Арабаг Республикæйы (САР) ног Конституцийы проекты фæдыл. Сирийы ног Конституцийы ‘вварс рахæцыдысты 7,5 милуан æмбæстæджы, кæнæ хуыцаубоны референдумы хайад чи райста, уыдоны 89,4%.

Референдумы фæстиуджытæ фенын кодтой уый, сириаг адæм кæй хæцынц хицауады реформæты ‘вварс. Уыцы реформæтæ ахъаз кæндзысты æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинадтæ уæрæх кæнынæн æмæ нырыккон демократон паддзахад саразынæн.

Ныхæсты рæстæджы, кæцыйы ма ноджыдæр хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Казбулат, уынаффæ цыдис хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты тыххæй. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр банысан æрцыдис фæстиуæгджын æмгуыстгæнынад дарддæр дæр уæрæх кæнынмæ тырнындзинад.

Загъд æрцыдис катайдзинад, Абхазы чи ‘рцыдис, Паддзахады сæргълæуæджы амарынмæ уыцы бахъавды фæдыл. Ацы террористон акт цæхгæр æвзæрыл банымайгæйæ, Министр мæсæллæй загъта, йæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард сты, уыцы кусджыты хæстæджытæ æмæ æввахс адæмæн.

2012 азы 17 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визиты уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевайы дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегаци фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевайы дискусситы хайадисджытимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис 2012 азы 28-29 марты Женевайы чи хъуамæ уа, уыцы радон 19-æм раундмæ цæттæ кæныны фарстатыл. Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй банысан кодтой Женевайы радон дискусситы куыстмæ цæттæ кæй сты.

2012 азы 17 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Сæргълæууæг Пухаты А.И.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис хуссарирыстойнаг-приднестроваг æмахастытæ рæзын кæнынимæ баст къорд уæрæх фарстатыл.

Фæстаг бонты та дзыллон информацийы фæрæзтæ ногæй дзурын райдыдтой Гуырдзыстоны хицауиуæгад Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цæрджытæн афтæхуыйнæг нейтралон паспорттæ дæттыны тыххæй. Хъусын чындæуыдис, зæгъгæ, Абхазы хицауадæн тынг негативон реакци уыдис, Абхазы чи кусынц, уыцы иуæй-иу фæсарæйнаг организацитæм абхазæгты ‘хсæн уыцы паспорттæ парахат кæнынмæ сын цы бахъавдтытæ уыдис, уый тыххæй. «Нейтралон » паспортты фарстайы тыххæй «Рес»-ы агентады уацхæссæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ, цæмæй йын уый тыххæй загътаит йæ хъуыдытæ.

2012 азы 26 январы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе телекампани «Рустави-2»-йæн йæ интервьюйы фехъусын кодта, зæгъгæ, «Гуырдзыстоны иунæг хицауад дæр, хъауджыдæр нæу, паддзахады сæргъ чи фæнды дæр лæууа, уæддæр нæ ратдзæн бæстæйы хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад фехалын бар».

2012 азы 30 январы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Давид Джалаганиа брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ «официалон Тбилисийæн йæ бон нæ бауыдзæнис Хуссар Ирыстоны Цауты йæхи комкоммæ фæхæццæ кæнын». Дзырд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытыл, æмæ дарддæр йæ ныхас фæдырысдæр кодта, зæгъгæ, «мах архайдзыстæм, цæмæй цаутыл æндавæм уæвæг дунеон механизмтæй спайдагæнгæйæ».

2012 азы 7-10 февралы Владимир Нейманы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис Мæскуыйы филиалы Дунеон медицинон гуманитарон организации «Дохтыртæ æнæ арæнтæйы»-ы делегаци.Визиты нысан уыдис æмкуысткæнынады Хуссар Ирыстоны программæтæ æххæст кæныны фадаттæ сахуыр кæнын.
9 февралы «Дохтыртæ æнæ арæнтæй»-ы минæвæрттимæ фембæлд Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Хъуылымбегты Доменти.Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарсæй ма фембæлды уыдысты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Уалыты Ларисæ.

АИШ æмæ Гуырдзыстоны президентты фембæлды рæстæджы нæм цы информаци цыдис, уымæ гæсгæ, уынаффæ цыд канд Гуырдзыстоны демократи æмæ ирддзинадыл нæ, фæлæ ма америкæйаг хæцæнгæрзтæ Гуырдзыстонмæ æрвитыны хъуыддаг сног кæныны фарстытыл дæр, кæцыты æрвитыны куыст урæд æрцыдис 2008 азы августы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы хæстон агресси сарæзта,уый фæстæ.

2012 азы 25 январы Страсбургы Евроцæдисы Парламентон Ассамблейы доклад сарæзта Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г. Вашадзе. Сахатæй фылдæры дæргъы уый ЕЦПА уæнгтæн дзырдта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны алыварс ситуаци куыд уыны, уый фæдыл.

Гуырдзиаг хицауиуæгад радон хатт спайда кодта бæрзонд дунеон трибунæйы, цæмæй та ногæй фехъусын кодтаит дунеон æмæхсæнадæн, йæхимæ хуыздæр куыд кæсы, ахæм информаци æмæ аххосаг аппæрстаит Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы адресмæ.

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ ногæй арæзт æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «æнæзаконæй арæзт чи æрцыдысты, уыцы афтæхуйнæг минæвæрдтæ æхгæд ‘рцæуой, уый фæстæ. Ацы хъусынгæнинагæн комментаритæ радтыны тыххæй «Рес»-ы агентады уацхæссаæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

2012 азы 19 январы дыууын азы сæххæст Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады æмæ Уæрæсеимæ баиу уæвыны тыххæй референдум уагъд куы ‘рцыдис, ууыл. Дыууын азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæххæст кодтой ахсджиаг политикон къахдзæф сæ паддзахиуæджы рæзты сæраппонд. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрстæй, дунеон нормæтæ æххæст кæнгæйæ, æмæ раздæры ССР цæдисæй дунеон цæстдарджыты хайадистæй уагъд чи æрцыдис, уыцы референдумы адæм бахъахъхъæдтой хæдбар паддзахад саразыны æмæ партнерты стратегион фæдæздæхты сæраппонд сæ бартæ.