Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

ИНО-йы Генералон Ассамблейы 69-æм сессийы Иракли Гарибашвили кæй раныхас кодта, уый фæдыл

26 сентябры Гуырдзыстоны премьер-министр Гарибашвили Иракли раныхас кодта ИНО Генералон Ассамблейы 69-æм сессийы. Йæ раныхасы уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн «ма дарддæр дæр ис ахæм нысан, цæмæй сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæна 2008 азы хæсты хъуыддаг æмæ кæрон скæна Уæрæсейы оккупацийæн», уыимæ иумæ ма «суа канд æдасдзинады фæлхасгæнæг нæ, фæлæ йæ ифтонггæнæг дæр». Гарибашвили ма банысан кодта уый дæр æмæ ИНО-йы уæнгтæ æрвылаз дæр тынгæй-тынгдæр кæй хæцынц лигъдæтты æмæ æвæндонæй иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ чи ацыдысты, уыцы адæймæгты тыххæй Гуырдзыстон æрвылаз дæр цы резолюци бавдисы, уый æвварс æмæ æрсидтис ИНО-йæ æппæт уæнгтæм дæр, цæмæй дарддæр дæр æххæст кæной сæ ахæм практикæ.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ уым ногæй кæй ницы загъдæуыдис. Гуырдзиаг политикон архайджыты ахæм хуызы хъусынгæнинæгтæ традицион æгъдауæй загъд æрцæуынц, пропагандистон эффект сын цæмæй уа, уый сæраппонд. 2008 азы «демократон Гуырдзыстон», фынæй чи кодта, уыцы Цхинвалыл тыхдымгæйы ‘нгæсæй бомбæтæ куы нызгъæлста реактивон системæты хуызтæй, уыцы хæст баззадис фæстейæ æмæ конфликт та бæстонгонд æрцыдис. Æмæ кæд Гуырдзыстон «æрбæстон кæнын» нымайы йæ юрисдикцийы апарахат Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритыл, уæд уый æрбæстон кæнын нæ, фæлæ у искæй территори анекси кæнын. Æмæ, кæд Гуырдзыстон, æцæгæйдæр тыны, цæмæй суа «æдасдзинад ифтонггæнæг», уæд хъуамæ ныууадза йæ претензитæ Хуссар Ирыстоны территоримæ, йемæ сараза дипломатон ахастытæ, мауал кæна агрессивон риторикæ æмæ бафида, Хуссар Ирыстонæн цы зиан æрхаста, уый. Æрмæстдæр ахæм къахдзæфтæн ис гæнæн æмæ суой, Гуырдзыстон, æцæгæйдæр, кæй тырны йæ хайбавæрд бахæсынмæ Кавказы регионы сабырад æмæ æдасдзинад сфидар кæнынмæ, уый бæлвырдгæнæн.

Лигъдæтты проблемæтыл дзырд куы цæуа, уæд «фарсхæцынад» (паддзахадтæ-хайадисджыты нымæцы æртыггæм хайæ цъусдæр), кæцыйы резолюцийы Гуырдзыстон æрвылаз дæр рахæссы Генералон Ассамблеймæ лигъдæттæ æмæ æвæндонæй иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ ацæуджыты тыххæй, уæд уый вæййы, Гуырдзыстон ацы фарстайæн ИНО-йы кæй нæ фæдæтты объективонæй йæм æркæсыны фадат. Банысангонд резолюцитæ алы хатт дæр ист æрцæуынц, Хуссар Ирыстоны позици ницæмæ даргæйæ, нæ йын дæттынц, цæмæй Генералон Ассамблеймæ бавдиса, лигъдонты проблемæ æцæгæй куыд у, уый радзурыны фадат. Гуырдзыстоны политизацигонд ахастæн лигъдæтты фарст аскъуыддзаг кæнынæн амал ссарыны сæраппонд йæ уд кæй хъары, уымæн ис æрмæстдæр иу нысан – алы хаттау та ногæй банысан кæна искæй зæхмæ йæ претензитæ.

Цхинвал, 2014 азы 29 сентябрь

 

02.10.2014