Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

8 сентябры Абхазы Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Боциты О.И. æрцыдис Цхинвалмæ консультаци райсынмæ.

Минæвары йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Фембæлды ма уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г.

Фембæлды лæмбынæгæй уынаффæ цыдис дывæрсыгон архайдтыты актуалон фарстаты уæрæх спектрыл. Боциты О.И. информаци сарæзта, 24 августы уагъд чи ‘рцыдысты Абхазы, уыцы æнæрадон президентон æвзæрстыты фæстиуджытыл, афтæ ма бæстæйы ныртæккæ цы ситуаци ис, уый тыххæй дæр.

Тыбылты Л.Х. арфæ ракодта Абхазы адæмæн ног президент кæй равзæрстой, уый сæраппонд æмæ ныфсдзинад загъта нæ бæстæты ‘хсæн хæларадон æмæ хæларсыхагон ахастытæ дарддæр дæр кæй кæндзысты, уый тыххæй, афтæ ма бацамыдта Абхазы хицауадимæ æнгом контакттæ аразыны æнæмæнгхъæуындзинад.

 

Цхинвал, 2014 азы 9 сентябрь

 

09.09.2014