1 октябры ИНО рæзты Программæйы къухдариуæггæнæг Хелен Кларкимæ фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Майя Панджикидзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Абхазы ИНО рæзты Программæйы проекттæ, гæнæн ис æмæ æххæст æрцæуой Хуссар Ирыстоны дæр.
ИНО рæзты Программæ, æнæгуырысхойæ, у ахсджиаг æмæ пайдайы дунеон уагдон, кæцы нымад у алкæмæ дæр цы аразы, уыдонмæ гæсгæ. Фæлæ иу кæнæ иннæ дунеон агентад иса уынаффæтæ, цæмæй йæ архайд суверенон паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æххæст кæныны тыххæй æххæстбартæ сты æрмæстдæр республикæйы хицауады компетентон органтæм æмæ уыцы хъуыддагмæ та Гуырдзыстоны æттагонполитикон ведомство бынтондæр ницы бар дары.
Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон æхсæз азы цы хæст сцырын кодта, уымæй рацæугæ рæстæгæй иттæг хорз зыны уый æмæ республикæйæн Уæрæсейы Федерацийы масштабон æмæ бирæпланон æххуысы фæрцы йæ бон у æмæ æнтысгæйæ æххæст кæна хæсты фæстæ æндидзынгæнæн социалон-экономикон рæзты проекттæ. Ис фидар уырнындзинад уый тыххæй æмæ республикæйæн дарддæр дæр æнтысгæйæ йæ бон рæзты хæстæ æххæст кæнын æнæ ницахæм гуырдзыстойнаг дипломатты хайадистæй кæй бауыдзæнис.
Цхинвал, 2014 азы 1 октябрь