Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Г. Маргвелашвилийы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны Президент æфсæддон аэродромы куы уыдис, уæд, æвæццæгæн, гуырдзиаг вертолетты тахт фенгæйæ, йæ зæрдæ барухс æмæ сарæзта тынг æнахуыр хъусынгæнинаг, зæгъгæ, дам, Гуырдзыстон план кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритæ фæстæмæ здаха æрмæстдæр сабырадон амалæй æмæ, зæгъы, «Уæрæсе куы басæтта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстон скондон хæйттæ кæй сты, ууыл, уæд Уæрæсе нæу Гуырдзыстоны знаг».

Æрæджыйы истори куыд фенын кодта, афтæмæй хуссарирыстойнаг адæм хорз зонынц, Гуырдзыстоны президентты, цахæмфæнды мыггæгтæ сын ма уа, уæддæр сæ сабырадон инициативæтæн цахæм аргъ ис, уый. Гуырдзиаг къухдариуæгадæн афон у æмæ бамбарой, Республикæ Хуссар Ирыстон, куыд хæдбар паддзахад, афтæ кæй уæвынад кæны бирæ рæстæджы дæргъы, æмæ гомгæрццæй бафидаргонд ныхæстæ, Гуырдзыстонæн бар кæмæ нæ уыдис, уыцы территоритæ раздахын фæлмæн загъд æй куы кæнæм, уæд у æнæхъола дзæнгæда.

Къаддæр æнахуыр хъуыддаг нæу абоны гуырдзиаг хицауады тенденци 2008 азы августы агрессийы æцæгдзинад ма нымайын, ома Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ кæй æрбабырста, уымæн йæ кой дæр ма кæнын, афтæмæй дзыхыдзаг хъæр кæны, цыма хæст уыдис Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн. Рох кæнын нæ хъæуы уый æмæ ацы хæсты амæттаг хуссарирыстойнаг фарс кæй уыдис æмæ Уæрæсе та, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæнынæй фервæзын кодтаит, уый тыххæй Гуырдзыстоны, тыхбахасты фæрцы сразы кодта сабырадыл.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ ахасты æмбарынад «оккупаци» æмæ «оккупацигонд территори»-тæй кæй пайда кæны, ууыл дзырд куы цæуа, уæд хуссарирыстойнаг делегаци Женевæйы дунеон дискусситы бирæ хæттыты бæлвырд кодта ацы æнæхъола хъуыды. Ацы темæйыл, дунеон барады къабазы æхсæнадамон экспертты хайадистæй æппæтфарсон иумæйаг уынаффæ кæй цыдис, кæцыты æрхуыдтой Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ 20-æм раундмæ, уый фидарæй фенын кодта Респуликæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Республикæйы территоритыл уæрæсейаг æфсæддон тыхтæ кæй сты, ууыл дзурæн нæй куыд «оккупаци», афтæ æмæ ацы территоритæн та никуыд ис намайæн «оккупацигондтыл».

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад йæ территорийыл кæй æххæст кæны эффективон контроль æмæ йыл чи цæры, уыдон та 2008 азы цауты агъоммæ æмæ йæ хæдбардзинад нымад куы ‘рцыдис, уæдмæ дæр кæй цардысты хæдбар суверенон паддзахады. Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы æфсæддон базæтæ та равæрд æрцыдысты Уæрæсеимæ дывæрсыг сразыдзинады бындурыл.

Кæд æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад, æцæгæйдæр, цæттæ сты хæларсыхагон ахастытæм, уæд уал фыццаг рады хъуамæ сразы уой тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хæсджынгæнæг юридикон документыл къухтæ æрфыссыныл, банымайой Республикæ Хуссар Ипыстоны паддзахадон хæдбардзинад æмæ сæ бæрндзинад, Хуссар Ирыстонæн геноцид кæй сарæзтой, уый тыххæй, цахæм æмбæлы, ахæм аргъ скæной хæстон агрессийæн æмæ нын нæ бæстæйæн цы зиæнттæ ракодтой, уыдон тыххæй бафидой компенсаци.

Цхинвал, 2014 азы 10 сентябрь

 

10.09.2014