Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Хуссарирыстойнаг къухдариуæгад бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ æттагон политикæйы приоритетон фæдæздæхт у Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр æввахсдæр кæныны куыст. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн интеграцийы процесс цæуы интенсивон æгъдауæй. Абоны онг уал къухтæ фыст æрцыдысты 70-йæ фылдæр æхсæнадæмон сразыдзинадыл, уыцы нымæцы ма бакусыны стадийы ноджыдæр сты къорд ног сразыдзинады, уымæй дарддæр ма бадзырдтæ цæуынц хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй гæнæнуæвæг ног бадзырдтыл къухтæ æрфыссыны сæраппонд.

Хуссарирыстойнаг политикон архайды ма ахсджиаг фæдæздæхт у Республикæ Абхазимæ традицион хæларадон ахастытæ фидар кæнын, фæлæ иуæй-иу дзыллон информациты фæрæзты чи фæзындысты, зæгъгæ, бадзырдтæ цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы республикæйы ‘хсæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн бадзырдмæ гæнæн ис æмæ баконд æрцæуа, уый у æнæбындур. Абоны онг Республикæ Хуссар Ирыстоны æртæварсон бадзырдыл къухтæ æрфыссыныл тыххæй уынаффæйыл дзырд дæр нæма цыдис.

Афтæ ма хъусын кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæвар Абхазы Республикæйы Боциты О.И. консультацитæм сидт æрцыдис Цхинвалмæ.

Цхинвал, 2014 азы 3 сентябрь

 

19.09.2014