Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

3 февралы Цæгат-Атлантикон альянс фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны территорийыл НАТО æмæ паддзахадтæ-партнертæн арæзт æрцæудзысты æфсæддон фæлтæрæнтæ уадзæн центртæ. Ацы аз ма плангонд сты Гуырдзыстоны НАТО радон ахуыртæ, стæй ма уый дæр æмæ НАТО фæдырыс кодта, зæгъгæ, ахуыртæ уагъд хъуамæ цæуой фæдфæдылонæй.

Æппæт дæр ууыл дзурæг у æмæ НАТО кæй нæ тырнынц Кавказы регионы сабырад сфидар кæнынмæ. Куыд зыны, афтæмæй гуырдзиаг гарзджын тыхты ахуыр кæнын, афтæ ма Гуырдзыстоны НАТО ахуыртæ уадзын суыдзæнис æндыгъдад æмæ дестабилизацийы фактор, уымæн æмæ НАТО сконды чи не сты, уыцы бæстæты бахъæудзæнис адекватон мадзæлттæ райсын, Гуырдзыстон æмæ йе ‘мцæдисонтæй агрессийæ æдасдзинад сфидар кæныны тыххæй.

Хъыгагæн, хъæуы ахæм хъуыддаг банысан кæнын æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ, кæцытæ ма абон онг дæр æмбæлон не скодтой Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны агрессийæн æмæ дарддæр дæр цырен кæнынц милитаризацимæ гуырдзиаг хицауады. Уымæн ирд æвдисæндæр у 2008 азы августы Гуырдзыстон НАТО бæстæты фæрцы цы хæстон тыхтæй спайда кодта, уый. Уæд Гуырдзыстон хæстон хъомысады цæхæры æнæхъæн денджыз рауагъта сабыр Цхинвалыл.

Æнæгуырысхойаг у уый æмæ НАТО Гуырдзыстоны цы къахдзæфтæ аразы, уыдонкæй нæ ахъаз кæндзысты Женевæйы дискусситы форматы бадзырды процессты размæцыдæн, кæцыты фæлгæтты Гуырдзыстон нæ разы кæны тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл къух æрфыссыныл.

Хуссар Ирыстон сиды Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг партнертæм, цæмæй сæ зæрдыл æрлæууын кæной фæстаг дæсгай азты дæргъы цы хæстытæ сцырын кодта, уыдон æмæ ма ноджыдæр иу хатт æмбæлон аргъ скæной Гуырдзыстоны реваншистон тырнындзинæдтæн афтæ разæнгардæй йе ‘вварс кæй хæцынц æнæуый дæр сгуыппæввонг регионы æмæ ныууадзой сæ фæндтæ, Тбилисы милитаристон амбицитæн кæрон цæмæй æрцæуа, уый сæраппонд.

Цхинвал, 2015 азы 4 февраль

 

04.02.2015