2014 азы 21 ноябры Дзæуæджыхъæуы бæрæгбонон уавæрты байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.
Церемонийы хайад райстой РХИ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Д.С., РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г., РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Такъоты С.К., РХИ УФ Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хъарджиаты Э.К. æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.
Дзæуæджыхъæуы Хуссар Ирыстоны фыццаг консулон агентад кæй байгом, уый æнæнхъæлæджы, мыййаг, нæу, Республикæйы арæнтæн æдте, растдæр та Цæгат Ирыстоны æдзухæй чи цæры кæнæ дзы рæстæгмæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй бирæйæ. Ныр уыдонæн сæ бон у, цæмæй скъуыддзаг кæной сæ документты легализациимæ баст проблемæтæ, нотариалон фарстатæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг кæй у, уый бæлвырдгæнæг документтæ райсыны. Уый сын дæтты Республикæмæ бацæуыны (раздæхыны) бар.
Ацы Консулон агентады байгом у хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ рæзын кæнынмæ ахсджиаг къахдзæф æмæ æвдисæн у Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æндæр æмæ æндæр сферæты дарддæр дæр кæй рæзы æнгом æмархайд.
Консулон агентады сæргълæууæг у Санахъоты Морис Барисы фырт.
Консулон агентады адрес у ахæм: г. Дзæуджыхъæу, Краснодоны уынг, 43.
Цхинвал, 2014 азы 22 ноябрь