2014 азы 4 августы Федералон закъон «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинадмæ» æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицæн закъондæттынадон акттæм цы ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты, уыдон уæрæсейаг æмбæстæгты хæсджын кæнынц, цæмæй фæсарæйнаг æмбæстагдзинад æмæ сын рæстæгмæ цæрыны бар кæй ис кæнæ æндæр, æцæгдзинад чи ‘вдисы, цæрыны бары тыххæй, ахæм документ сæм кæй ис, уый тыххæй.
Афтæ æмæ РХИ æмбæстæгтæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдон Уæрæсейы ФМС территориалон органтæн фысты хуызы хъуамæ фехъусын кæной, кæм фыст сты æмæ сын кæй ис РХИ æмбæстагдзинад, уый тыххæй ацы барасткæнинæгтæ сæ тыхы куы бацæуой, уымæй 60 боны дæргъы (2014 азы 4 октябрмæ).
Фехъусынгæнинаг бавдисыны фæдыл йæ хæс чи нæ сæххæст кæна, уыдон хæссынц уголовон бæрндзинад (200 мин сомы ивары хуызы кæнæ афæдзон æнæмæнг бакуыстыты 400 сахаты аргъы онг). Фехъусынгæнинаг бавдисыны фæтк фехалын йæ фæдыл сайы 500 сомæй 1 мин сомы онг фæивар кæныны хуызы административон бæрндзинад.
Федералон МиграционСлужбæйы 2014 азы 28 июлы бардзырд «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæй æндæр æмбæстагдзинад, кæнæ кæм цæрынц, уым сын цæрыны бар кæй ис, кæнæ сын æдзухонæй цæрыны бар чи бæлвырд кæны фæсарæйнаг паддзахады формæ кæнæ фæткы тыххæй бавдисыны» бæлвырд æрцыдис ахæм бавдисинаджы фæтк æмæ формæ.
Ацы бардзырдмæ гæсгæ бавдыстытæ сæхæдæг ФМС территориалон органтæм кæнæ йе структурон дæлхæйттæм кæнæ Уæрæсейы федералон структурон посты бастдзинады организацийы (Уæрæсейы пост) уылты.
Æнæххæст архайдхъом æмæ æнахъомты бæсты ахæм бавдыстытæ хъуамæ сæххæст кæной сæ закъонон минæвæрттæ. Бавдыстимæ баиу кæнын хъæуы уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг паспортты халдихтæ.
Цхинвал, 2014 азы 22 август