Новости

Archive

21 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат райста йæхимæ Æхсæнадæмон цæдис «Уæлахизы бындартæ»-йы Президент Калякин В.В.

Хæларадон ныхасы рæстæджы Валерий Калякин радзырдта, зæгъгæ, Цæдисы архайды сæйраг здæхтытæй иу у «историон зæрдылдарынад бавæрын, сæйраджыдæр та, Стыр Фыдыбæстон хæсты советон адæмы сгуыхтдзинады кой ма ферох кæнын». Уымæй дарддæр ма Калякин банысан кодта, ирæттæ Стыр Фыдыбæстон хæсты канд хайад нæ райстой, фæлæ ма ныууагътой хæсты историйы зынгæ фæд.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Æхсæндунеон дискусситы 34-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2015 азы 8-9 декабры Женевайы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæндунеон дискусситы 34-æм радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лаеууыдис Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

Венесуэлæйы парламентон æвзæрстыты фæстиуджыты фæдыл

6 декабры Венесуэлæйы уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ Националон Ассамблеямæ.

Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты архайæг закъондæттынад æмæ конституцион нормæтæм гæсгæ. Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро сразы ис æвзæрстыты фæстиуджытыл.

Развæлгъау нымадмæ гæсгæ националон парламенты фылдæр хъæлæстæ райста оппозицион блок.
Хуссар Ирыстоны адæм нымайынц Венесуэлæйы æмбæстæгты равзæрст æмæ хæцынц сæ къухдариуæгады фарс, кæцы здæхт у политикон стабилондзинад фидар кæнынмæ æмæ бæстæйы райрæзтмæ.

- Æддагонполитикон архайды планы цахæм аргъ кæныс цы аз фæуыд кæны, уый фæстиуджытæн?

- 2015 азы фæстиуджытæн аргъ кæнгæйæ, зæгъæн ис æмæ Фæсарæйнаг хъуыдæгты министрад сæххæст кодта, цыдæриддæр ын хæсгонд уыдис, уыцы хæслæвæрдтæ иууылдæр. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды бындурон фæдæздæхт у, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент кæй бæлвырд кæны, нæ паддзахады уыцы æддагонполитикон курс æххæст кæнын. Министрад Президентæн хыгъд ратдзæнис, афæдзы дæргъы цы куыст бакодта, уый тыххæй æмæ Президенты хæслæвæрдтæ куыд сæххæст сты, уый тыххæй.

Тбилисы территориалон амбициты фæдыл

Тбилисы дарддæр фантазитæ кæнынц сæ территориалон амбициты фæдыл, уымæн æвдисæн у Паата Закареишвили æрæджы цы фидиуæн сарæзта, уый. Фидиуæны уый йæ хъуыдытæ нывæнды гуырдзиаг паддзахаддзинад искæй терииторитыл саразыны варианттыл.

Æвæццæгæн, комментари радтыны тыххæй ам тынгдæр бабæззид практикон психологи. Уымæн æмæ бæрæгæй зыны, сæ бæллицтæ сæ къухты кæй нæ æфтынц, уый аххосæй фрустрацийы уæвгæйæ, гуырдзыйы хицауады бахъуыд психологон баивынады манипуляторон технологиты æххуыс.

26 ноябры Республика Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы З.Н. Æууæнчы грамотатæ радта Уæрæсейы Федерацийы Президент В.В. Путинмæ.

Цытджын церемони уагъд æрцыд Кремлы Стыр галуаны Александры залы.

Цхинвал, 2015 азы 26 ноябрь

 

 

24 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады СНГ-йы бæстæты Цыппæрæм Департаменты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хайады Хистæр А.А. Старковимæ.

Фембæлды хайад райстой РХИ ФХМ-ы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты хайады Хистæр Санахъоты А.Г., РХИ-ы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар УФ-ы Кæрджиты Э.К., РХИ-ы УФ-ы Минæварады Уынаффæгæнæг-минæвар Сошнин В.Н.

23 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполатимæ.

Фембæлды рæстæджы Президентæн лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны фыццаг дипломатон паспорт.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайдыл. Сæрмагондæй Цхуырбаты Хъ. æрдзырдта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экпертон советы фыццаг рабадты тыххæй, кæцы уагъд æрцыд 19 ноябры. Президент æвæрццагыл банымадта Министрады ахæм хъæппæрис æмæ банысан кодта, ахæм форматы куыст кæй у ахсджиаг, уый.

01.08.2015 азы РХИ-ы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Цхуырбаты Хъасполаты бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон совет. 19 ноябры 2015 азы уагъд æрцыд Экспертон советы фыццаг рабадт.

16-æм ноябры уагъд æрцыд ЕЦ-Гуырдзыстоны ассоциацийы советы дыккаг рабадт, цыран Евроцæдис радон хатт «бафидар кодта, Гуырдзыстоны территориалон иудзинад кæй нымайы, уый» æмæ тыхстдзинад равдыста Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмцæдис æмæ интергацийы тыххæй Бадзырдыл фæдыл.

17 ноябры Цхинвалы Фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй Женевайы дискусситы хайадисæг Хуссар Ирыстоны делегацийæн кусæгон фембæлд уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевайы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Æмсæрдæрттимæ, кæцытæРеспубликæмæ æрцыдысты дскусситы радон раунды хæдразмæ.

Ауагъд чи ‘рцыдис, уыцы фембæлды уынаффæ цыдис, ацы аз, 8-9 декабры чи хъуамæ уа, Женевайы дискусситы уыцы 34-æм раунды боны фæткы фарстатыл.