Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары арфӕйы тел Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ йӕ райгуырӕн боны цытӕн

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы тел арвыста Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ йӕ райгуырӕн боны цытӕн.

Сӕрмагондӕй, арфӕйы дзырдӕуы:

«Ӕнӕаипп профессионалон фӕндаг, бӕстӕйыл ӕмӕ йӕ адӕмыл иузӕрдыгдзинады фӕрцы дын ис уӕзгӕ ӕхсӕнадӕмон авторитет ӕмӕ нымад цӕуыс ныры дуджы ӕппӕты ирддӕр дипломатыл. 

Дӕ куырыхон зонд, стыр фӕлтӕрддзинад Уӕрӕсейы ӕмӕ йе ‘мцӕдисонты ӕддагполитикон интерестӕ хъахъхъӕныны хъуыддаджы, ахъаз сты бӕстӕйы ӕддагполитикон системӕйы иумӕйаг куыстӕн. Йӕ куыст иттӕг хорз чи зоны, уыцы къорды ӕмиуады фӕрцы ӕппӕт ӕмвӕзадтыл дӕр скъуыддзаг цӕуынц ӕхсӕнадӕмон фарстытӕ.

Цытджын Сергей Викторы фырт, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕнынц дӕ уӕзгӕ хайбавӕрдӕн не ‘взонг паддзахад банымайыны ӕмӕ дунейы йӕ интерестӕ хъахъхъӕныны хъуыддаджы.

Ныфс мӕ ис, нӕ бӕстӕты ‘хсӕн хӕларадон ӕмӕ бӕрзонд ӕмвӕзадыл ӕмиуад дарддӕр дӕр, нӕ адӕмы интерестӕ хынцгӕйӕ, ахъаз кӕй уыдзӕн дывӕрсон ӕмгуыстад уӕрӕх кӕнынӕн».

 

21.03.2023