Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Хæдбардзинады боны цытæн

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Сириаг Араббаг Республикæйы Хæдбардзинады боны цытæн арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ.

Сæрмагондæй, æрвыстæджы дзырдæуы:

«1946 азы хуымгæнæны мæйы 17-æм бон у сæрибаруарзаг сириаг адæмы национ иудзинад æмæ ныфсы бон. Уæдæй фæстæмæ райдыдта хæдбар суверенон паддзахад аразыны рæстæг.

Ныры зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Сириаг Араббаг Республикæ ныфсджынæй фидар кæны йæ паддзахад. Кæддæриддæр лæуд у æхсæнадæмон æмиуады æмæ дунейы рæстаг уавæр аразыны фарс, афтæмæй ма хæст у Сирийы рагон æмæ фæрнæйдзаг зæххыл размæдзыд паддзахад сæндидзыны хъуыдыйыл.

Цытджын Министр, Ирыстоны адæм алыхатт дæр сæ зæрдыл дардзысты, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ суверенитет банымайгæйæ, Сири цы хæрзты бацыд нæ бæстæйæн, уый.

Ныфс дарын, нæ бæстæты æддагполитикон уагдæтты æнгом æмæ æнтысджын æмархайд дарддæр дæр йæ куыст кæй кæндзæн æмæ ахъаз кæй уыдзæн нæ паддзахадты æмæ нæ адæмы ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидарæй фидардæр кæнынмæ».

 

17.04.2023