Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба рарвыста арфæйы нотæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны банымад суверенон æмæ хæдбар паддзахадтæй ссис нæ паддзахадты нырыккон историйы ахсджиагдæр цаутæй иу.