Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Фæлтæрд дипломат æмæ Уæрæсейы патриот, бæрнон уынаффæты фарслæууæг æмæ бæрзонд профессионализмы хицау уæвгæйæ, æнтысджынæй хъахъхъæныс Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон интерестæ. 

Фидарæй мæ уырны, дæ принципиалондзинад ахъаз кæй уыдзæн æндæр хæларадон бæстæтимæ Уæрæсейы Федерацийы стратегион партнерады размæдзыдæн, бирæполярондзинады арæзтад æмæ сабырад сфидар кæнынæн. 

Стыр æхцондзинадимæ нысан кæнын нæ бæстæты ‘хсæн æмгуыстады бæрзонд æмвæзад æмæ дывæрсон интеграцион процессты размæдзыд. Бузныг дæ стæм хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг хæларадон ахастыты хъуыддагмæ де ‘ппæтварсон хайбавæрды фæдыл». 

 

15.05.2024