Арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны цытæн

Южная Осетия и Абхазия

Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Республикæ Абхазы æддагполитикон уагдон бæрзонд профессионалон æмвæзадыл æххæст кæны йæ хæстæ, æппæтварсонæй архайы паддзахады хæдбардзинады дарддæры фидаркæнынадыл, аккагæй хъахъхъæны æхсæнадæмон аренæйы йæ бæстæйы интерестæ.

Министрад ныфс дары, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн дипломатон æмархайд дарддæр дæр кæй уæрæх æмæ фидар кæндзæн дыууæ бæстæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн».

17.05.2024