Владимир Валерийы фырт Ястребчакы æнæрæстæджы мæлæты охыл

В.В. Ястребчак

Йæ цардæй ахицæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады раздæры Сæрдар Владимир Валерийы фырт Ястребчак. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста Владимир Ястребчакы хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн мæсæллæй кæныны телеграммæ:

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстам Приднестроваг Молдаваг Республикæйы зынгæ минæвæрттæй иу, æцæг патриот, Приднестровьейы аккаг фырт, политик æмæ дипломат Владимир Валерийы фырт Ястребчакы æнæрæстæджы мæлæты охыл цау. 

Йæ цардæй ахицæн рæдау, стыр зæрдæйы хицау, хъæздыг миддуне æмæ профессионалон миниуджытæй хайджын адæймаг. 

Владимир Валерийы фырты номимæ æнгом баст у приднестроваг дипломатон службæйы æнæхъæн эпохæ. Йæ хайбавæрд хуссарирыстойнаг-приднестроваг ахастыты размæдзыды, æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн æмгуыстад фидар кæныны хъуыддагмæ æгæрон у. 

Мæсæллæй кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй. 

Хъынцъым кæнæм сымахимæ иумæ». 

 

13.05.2024