Арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Хæдбардзинады боны фæдыл

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Хæдбардзинады боны фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1946 азы хуымгæнæны мæйы 17-æм боны Сирийы хæдбардзинады расидт æрæвæрдта фидар бындур суверенон паддзахады райрæзтæн. Ацы бон сириаг адæм равзæрстой сæрибардзинад, сабырад, æхсæннацион разыдзинад, социалон-экономикон размæдзыд.

Зын æхсæнадæмон уавæр, æдзухон тæссагдзинадмæ нæкæсгæйæ, Сири фидарæй цæуы равзаргæ фæндагыл, дунеон аренæйы ныфсджынæй хъахъхъæны йæ интерестæ.

Цытджын Министр, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц нæ бæстæты ‘хсæн сфидаргонд хæларадон æмæ партнерон ахастытæн, æхсæнадæмон аренæйы нæ бæстæйæн æдзухон æххуысæн».

Джиоты Æхсар ма арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафаримæ.

17.04.2024