Арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауырмæ юбилейы цытæн

З.Н. Гассиев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауырмæ юбилейы цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бирæ азты дæргъы уæхскуæзæй архайыс Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмы хæрзиуæгæн. Дæ адæймаджы миниуджытæ æмæ куысты фæрцы дын ис бæрзонд авторитет дæ коллегæты æмæ æмбæстæгты ‘хсæн. 

Æгæрон у дæ хайбавæрд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дывæрсон æмархайды размæдзыд, интеграци арфдæр кæныны хъуыддагмæ».

13.05.2024