Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æддагполитикон уагдæтты Сæргълæуджытæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 79 азы рацыды цытæн рарвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бонæй 79 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æддагполитикон уагдæтты Сæргълæуджытæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров рарвыстой кæрæдзимæ арфæйы фыстæджытæ. 

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ фыстæджы банысан кодта:

«Стыр Уæлахизы бæрæгбон æнгом кæны бирæ адæм æмæ фæлтæрты. Ацы бон у бирæнацион советон адæмы хъайтардзинад, æхсар, æгæрон тыхы бон. Адæм кæрæдзийы фарсмæ слæууыдысты фашизмы ныхмæ уæззау тохы.    

Ныры дуджы, нæ иумæйаг истори сзыгъуыммæ кæныны фæлварæнты рæстæджы, махæй алкæмæндæр ахсджиаг у уæлахиздзауты фæлтæры аккаг фæдонтæ уæвын, адæмы Стыр Сгуыхтдзинады фæдыл рæстдзинад хъахъхъæнын æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттын, хæсты быдыры хъæддыхæй чи хæцыд æмæ уæлахиздзинады сæраппонд сæ цардтæ чи радта, уыдоны рухс ном ма рох кæнын». 

Сергей Лавровы фыстæджы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Зæрдæвæрæны мæйы 9 бон – уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты историйы æппæты ахсджиагдæр бонтæй иу. Советон хæстонтæ бахъахъхъæдтой Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ сæ хъæбатырдзинад абоны бон дæр дæнцæг у нæ адæмæн, кæцытæ æнгом æмгуыстады фæрцы аразынц сæ иумæйаг фидæн». 

 

08.05.2024