Новости

Archive

2014 азы 21 ноябры Дзæуæджыхъæуы бæрæгбонон уавæрты байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.

Церемонийы хайад райстой РХИ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Д.С., РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г., РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Такъоты С.К., РХИ УФ Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хъарджиаты Э.К. æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

1 октябры ИНО рæзты Программæйы къухдариуæггæнæг Хелен Кларкимæ фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Майя Панджикидзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Абхазы ИНО рæзты Программæйы проекттæ, гæнæн ис æмæ æххæст æрцæуой Хуссар Ирыстоны дæр.

Г. Маргвелашвилийы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны Президент æфсæддон аэродромы куы уыдис, уæд, æвæццæгæн, гуырдзиаг вертолетты тахт фенгæйæ, йæ зæрдæ барухс æмæ сарæзта тынг æнахуыр хъусынгæнинаг, зæгъгæ, дам, Гуырдзыстон план кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритæ фæстæмæ здаха æрмæстдæр сабырадон амалæй æмæ, зæгъы, «Уæрæсе куы басæтта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстон скондон хæйттæ кæй сты, ууыл, уæд Уæрæсе нæу Гуырдзыстоны знаг».

8 сентябры Абхазы Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Боциты О.И. æрцыдис Цхинвалмæ консультаци райсынмæ.

Минæвары йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Фембæлды ма уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г.

Фембæлды лæмбынæгæй уынаффæ цыдис дывæрсыгон архайдтыты актуалон фарстаты уæрæх спектрыл. Боциты О.И. информаци сарæзта, 24 августы уагъд чи ‘рцыдысты Абхазы, уыцы æнæрадон президентон æвзæрстыты фæстиуджытыл, афтæ ма бæстæйы ныртæккæ цы ситуаци ис, уый тыххæй дæр.

Хуссарирыстойнаг къухдариуæгад бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ æттагон политикæйы приоритетон фæдæздæхт у Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр æввахсдæр кæныны куыст. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн интеграцийы процесс цæуы интенсивон æгъдауæй. Абоны онг уал къухтæ фыст æрцыдысты 70-йæ фылдæр æхсæнадæмон сразыдзинадыл, уыцы нымæцы ма бакусыны стадийы ноджыдæр сты къорд ног сразыдзинады, уымæй дарддæр ма бадзырдтæ цæуынц хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй гæнæнуæвæг ног бадзырдтыл къухтæ æрфыссыны сæраппонд.

2014 азы 4 августы Федералон закъон «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинадмæ» æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицæн закъондæттынадон акттæм цы ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты, уыдон уæрæсейаг æмбæстæгты хæсджын кæнынц, цæмæй фæсарæйнаг æмбæстагдзинад æмæ сын рæстæгмæ цæрыны бар кæй ис кæнæ æндæр, æцæгдзинад чи ‘вдисы, цæрыны бары тыххæй, ахæм документ сæм кæй ис, уый тыххæй.

Санахъоты Дауыт Георгийы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны тыххæй

2014 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указæй Санахъоты Дауыт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Цхинвал, 2014 азы 14 июль

 

2014 азы 1 августæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æттæ чи сты, уыдонæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы гоймагдзинад бæлвырдгæнæг паспорттæ (фæсарæйнаг паспорттæ)саразын æмæ раттыны тыххæй æмбырд кæны документтæ. Документтæ фыццаг радыист цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты æттæ чи ахуыр кæнынц, уыцы абитуриенттæ æмæ студенттæн УФ цы квотатæ радта, уыдонæй УФ уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæнынц, уыдонæй.

2014 азы 15 июлы фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй уагъд æрцыдис Женевæйы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды сæйраг темæ уыдис, октябры райдианмæ плангонд чи у, Женевæйы дискусситы уыцы 29-æм раундмæ бацæттæ кæнын.

Ацы аз июны Уæрæсейы Федерацийы федералон закъон «Æмбæстагдзинад»-мæ ист æрцыдысты барасткæнинæгтæ. Ацы барасткæнинæгтæм гæсгæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты ацы аз, августы, уæрæсейæгтæй ма фæсарæйнаг æмбæстагдзинады паспорттæ дæр кæмæ ис, уыдон хæсджын сты æмæ фехъусын кæной Федерацион миграцион службæйæн, ахæм паспорттæ сæм кæй ис,уый тыххæй, афтæ ма архайын райдайдзæнис йæ басусæг кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинад.