Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2014 азы 15 июлы фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй уагъд æрцыдис Женевæйы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды сæйраг темæ уыдис, октябры райдианмæ плангонд чи у, Женевæйы дискусситы уыцы 29-æм раундмæ бацæттæ кæнын.

Хуссарирыстойнаг фарс та ногæй банысан кодта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл иумиаг хæсджынгæнæг юридикон документыл къухтæ æрфыссыны ахсджиаг нысаниуæг. Боны фæткы лæмбынæг ныхас бацайдагъ радон раунды фæдыл, афтæ ма гуманитарон фарстаты, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ Гуырдзыстоны æнæбындурæй тæрхон кæуыл æрцыдис, уыдон хъысмæты фæдыл дæр.

Дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр ныфсдзинад загътой Женевæйы дискусситы цы раунд уыдзæнис, уый фæстиуæгджын кæй уыдзæнис, уый тыххæй.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. йæхимæ райста Женевæйы дискусситы Æмсæрдæртты.

Цхинвал, 2014 азы 15 июль

 

15.07.2014