Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Санахъоты Д.Г. комментарий ИА «Рес» - æн

Ацы аз июны Уæрæсейы Федерацийы федералон закъон «Æмбæстагдзинад»-мæ ист æрцыдысты барасткæнинæгтæ. Ацы барасткæнинæгтæм гæсгæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты ацы аз, августы, уæрæсейæгтæй ма фæсарæйнаг æмбæстагдзинады паспорттæ дæр кæмæ ис, уыдон хæсджын сты æмæ фехъусын кæной Федерацион миграцион службæйæн, ахæм паспорттæ сæм кæй ис,уый тыххæй, афтæ ма архайын райдайдзæнис йæ басусæг кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинад.

Ацы барасткæнинæгтæн нæ уыдзæнис ницахæм негативон эффект уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрынц Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ сын ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад. УФ ФМС фехъусын кæныныл дзырд куы цæуа, уæд уый зæгъдзыстæм æмæ хуссарирыстойнаг фарс консультацитæ кæны уæрæсейаг коллегæтимæ æмæ куыддæр æмбæлон механизм куыст æрцæуа ацы фарсты фæдыл, афтæ уæлдæр банысангонд æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæнис æмæ райсой, æххæст æмæ афоныл лæвæрд чи 'рцæудзæнис, ахæм информаци.

Афтæ ма 2015 азы 1 январæй Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон арæныл ахизынæн иууон фæтк саразыны тыххæй æмæ миграцион процессыл контроль кæныны эффективондзинад сырæзын кæныны нысанæн арæзт цæуы Уæрæсейы фæсарæйнаг паспорттæй мидæмæ æрбацæуын æмæ æттæмæ ацæуыны режим. Хæдбар паддзахадты Цæдисы паддзахадты-хайадисджыты æмбæстæгтæн (Таможнæйон цæдис æмæ Иууон экономикон тыгъдады паддзахадтæм чи хауынц, уыдонæй дарддæр).
Йæ архайдмæ нæ хауынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз. Уымæн æмæ не сты ХПЦ, афтæ ма Уæрæсейы мидæмæ æрбацæуыны æмæ æттæмæ ацæуыны уыцы паддзахадты æмбæстæгтæн, кæцытимæ къухтæ фыст æрцыдысты кæрæдзимæ æнæвизайæ цæуыны тыххæй, уыдонæй раздæрау нæ домдæуы визæтæ райсын æмæ хъахъхъæд цæуы либералон режим.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд арæзт æрцыдысты бирæнымæц дывæрсыг сразыдзинæдтæ. Сæрмагондæй та 2010 азы 1 февралы «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн се ‘мбæстæгты кæрæдзимæ æнæвизæтæй цæуыны тыххæй Фидыд»-ыл. Къухтæ фыст кæуыл æрцыдысты, уыцы Фидыд бæлвырд кæны бæлвырдгæнæг документы ранымад Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл ахизыны документтæ, уыдонимæ ма сты Республикæ Хуссар Ирыстоны паспорт дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн сæ бон у æмæ визæ нæ саразгæйæ, 90 боны дæргъы уа УФ территорийыл.

Цхинвал, 2014 азы 1 июль

 

01.07.2014