Ноты

Archive

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тæфæрфæстæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн уæрæсейаг хæдтæхæг Ту-154 Сау денджызы сæрмæ хæлд кæй баййæфта, уый фæдыл.

Тæфæрфæсы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъы, уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæм байсæфтысты, уыцы хæдтæхæджы хæлды трагикон фæстиуджыты фæдыл. Уый у æнæбаххæстгæнгæ зиан. Хъынцъым кæнæм.

Министрад курæг у, цæмæй тæфæрфæстæ ракæной авиакатастрофæйы чи фæмард, уыдон бинонтæ æмæ хиуæттæн.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тæфæрфæстæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Уæрæсейы Федерацийы Минæвар Турчы А.Г. Карловы трагикон мæлæты фæдыл.

Тæфæрфæсы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Андрей Геннадийы фырт Карловы лæгмарды фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы Федерацийы арвыста нота Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады адресыл, кæцыйы дзырдæуы:

Уæрæсейы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад зæгъы стыр кад кæй кæны Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæты Цыппæрæм Департаментæн æмæ йæ хицæн кады хъуыддагыл нымайы, цæмæй йæм арвита æмæ йын зæрдæбынæй раарфæ кæна Уæрæсейы Боны цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Гвинджия М.Г мысæн æмæ æрхæндæгдзинады охыл.

Æрвитæккаджы дзырдæуы:

«14 август Абхазы нысан цæуы Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты бон, кæцытæ хъайтарон æмæ Гуырдзыстонимæ хæст райдайыны 19 азы. Ацы бон у рис æмæ йæ Райгуырæн бæстæ,хъайтаронæй чи хъахъхъæдта йæ адæймагдзинады хорз миниуджытæ, истори æмæ духовондзинад чи хъахъхъæдта,сæ хæсмæ стыр барындзинады æнкъарæнтимæ чи æрхаста, сæ æмбæстæгты иумиагадæймагадон бартæ чи хъахъхъæдта, уыдоны мысæн бон.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. тæфæрфæсы тел æрвыста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В. Ястребчакмæ инæлар-булкъон С.Ф Кицакы фæзианы охыл.

Телы дзырдæуы:

1991-1992 азты Молдовийы хæстон агрессийы ныхмæ тохты чи фæмард,уыдоны Мысæн æмæ хъынцъымы боны цауы охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. ныстуан арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В.Ястребчакмæ.

Ныстуаны дзырдæуы:

Республикæ Абхазы Президент Багапш Сергей Уасилы фырт кæй кæны æмæ хъыгзæрдæсты арф æнкаърæнтимæ æрвиты тæфæрфæсы тел, Республикæ Абхазы президент Багапш Сергей Уасилы фырты йæ цардæй æнæафоны ацыды тыххæй. Сергей Василы фырты номимæ баст у Абхазы историйы ног дуг, стыр ивындзинæдты, демократон рацæрæзтыты æмæ бæрнон уынаффæйы рæстæг.

Хæхон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгийы арфæйы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

РХИ Конституцийы Бон 8 апрель бæрæгбонон æгъдауæй кæй нысан цæуы,уый охыл.Хæххон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгий арфæйы тел æрырвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

"Зæрдиагæй Дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци райсыны Боны цытæн!
2011 азы 8 апрель РХИ историйы ссис иттæг ахсджиг цау.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Боны 8 апрелы цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

«Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Дын зæгъын, стыр цыт дын кæй кæнын æмæ Дæ курæг дæн, цæмæй мын айсай мæ зæрдиаг арфæйæ нысаниуæгджын нымæц Республикæ Хуссар Ирыстоны конституции райсыны Боны референдумыл 10 азы кæй сæххæст, уый охыл.

Абхазы хæдбар Советон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы кæй сæххæст,уый фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы тел арвыста РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Телы дзырд цæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн зæгъы стыр цин ын кæй кæны æмæ йæ ном кæй æрхауд хæдбар Абхазы Советтон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы сæххæсты цытæн зæрдæйы цæуæг арфæйæ арвитыны фадат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат арфæйы тел арвыста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Сергей Мироны фырт Шамбамæ йæ юбилейы цытæн.

Телы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад зæгъы стыр аргъ кæй кæны Сахарайаг Арабаг Демократон Республикæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ йæм кæй æрхауд министрадæн зæрдæйын арфæтæ ракæныны кад САДР расидыны Боныл 35 азы сæххæст цытæн.