Арфæйы тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрмæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат арфæйы тел арвыста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Сергей Мироны фырт Шамбамæ йæ юбилейы цытæн.

Телы дзырдæуы:

«Зæгъын Дын мæ æнæивгæ цытдзинад æмæ мæм æрхауд ахæм амонд,цæмæй Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арвитон зæрдиаг арфæтæ Дæ юбилейы цытæн.
Дæ ном Абхазы æвзонг паддзахады æмбæлонæй лæууы зынгæ политикон архайджыты æмрæнхъ.Дæ цард иууылдæр радтай Фыдыбæстæйы бæрзонд идеалтæн службæ кæнынæн.Дæ бæрзонд идзеондзинад,компетентондзинад,стæм хатт чи вæййы,ахæм хорз адæймагон миниуджытæ æмæ Дыл цы хæстæ ис,уыдонмæ бæрнон ахаст стыр роль сæххæст кодтой Абхазы паддзахаддзинады сæрæзт æмæ дарддæры рæзты хъуыддаджы,йæ æттагонполитикон службæйы фидар кæныны хъуыддаджы.Азты дæргъы цы стыр фæлтæрдзинад райстай,бæрзонд профессионализм æмæ патриотизм Дын дæттынц абоны вазыгджын хæстæ æххæст кæнынæн æмæ арыс се скъуыддзаг кæныны мадзæлттæ,кæцытæ лæууынц Абхазы адæмы æмæ хицауады раз.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц æфсымæрон абхазаг-ирон ахастытæ æппынæдзух рæзын кæнынмæ Де стыр хайбавæрдæн.Фадатæй пайда кæнгæйæ Дæ курæг дæн,цæмæй мын айсай мæ зæрдæбын фæндиæгтæ Хуссар Ирыстонмæ Дæ хорз ахасты,фæстиуæгджын æмæ хæлар фарсхæцынады тыххæй.
Ацы бон, цытджын Сергей Мироны фырт,мæнæн уæлдай æхсызгондæр у,цæмæй дын зæгъон фидар æнæиздзинады,хъæлдзæгддзинады,амонды æмæ хæрзиуджыты,цæрдхъом энергийы,дарддæры æнтыстыты æмæ разылæууæг хæстæ,ног плантæ æнтысгæйæ æххæст кæныны фæндиæгтæ».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты
Пресс-службæ

28.05.2011