Абхазы хæдбар Советон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы кæй сæххæст,уый фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы тел арвыста РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Телы дзырд цæуы:
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн зæгъы стыр цин ын кæй кæны æмæ йæ ном кæй æрхауд хæдбар Абхазы Советтон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы сæххæсты цытæн зæрдæйы цæуæг арфæйæ арвитыны фадат.
1921 азы 21 март Абхазы историйыæ ссис йæ адæмæн символикон æмæ нысаниуæгджын, кæцы равзæрста сæрибардзинады æмæ хæдбардзинады фæндаг.Абон мах стыр аргъ кæнæм æмæ цытимæ мысæм уыцы адæмы,кæцытæ сæ цардæн тас уæвгæйæ,сæ бæстæ æмæ сæ адæмыл баззадысты иубæрнонæй æмæ сæ цæвиттонæй разæнгард кодтой сæ фæстæйы фæлтæрты хъайтарон хъуыддæгтæм.
Сæ хъуыддæгты аддарддæр у Республикæ Абхазы абон цы нырыккон демократон æмæ нымад паддзахады фæндагыл цæуы,уый.
Хуссар Ирыстоны зæрдиагæй исынц Абхазы паддзахиуæгады рæзты æмæ фидар кæныны рæзгæ динамикæ.Республикæ Абхазæн ис йæ политикон,экономикон æмæ экономикон-социалон стабилондзинад фидар кæнынæн хъомысджын потенциал.
Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн ахастыты æмвæзадæн стыр аргъ кæнгæйæ,дарддæр дæр хæларадон ахастытæм тырныны хъуыддаг фидар кæнынмæ кæй тырны Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад,уымæ гæсгæ ныфсдзинад зæгъы,зæгъгæ,политикон,социалон-экономикон æмæ культурон бастдзинад Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ‘хсæн кæй ахъаз кæндзæнис æмткæй Кавказы регионы сабырад æмæ стабилондзинад фидар кæнынæн.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ныры æхцон фадатæй пайда кæнгæйæ,ног кæны Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн иттæг стыр цыт ын кæй кæны,уый уырнындзинад.
РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ
Цхинвал, 31 март 2011 аз