Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. ныстуан Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В.Ястребчакмæ Мысæн æмæ хъынцъымы боны охыл

1991-1992 азты Молдовийы хæстон агрессийы ныхмæ тохты чи фæмард,уыдоны Мысæн æмæ хъынцъымы боны цауы охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. ныстуан арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В.Ястребчакмæ.

Ныстуаны дзырдæуы:

«1 август-мысæн бон,хæсты фæуды бон æмæ национализмы ныхмæ приднестровæгты хъайтарон ныхмæлæуды Уæлахизы бон.Уый у йæ Райгуырæн бæстæ хъайтаронæй чи хъахъхъæдта,йæ адæймагадон кадыл.истори æмæ духовондзинады сæраппонд чи тох кодта,йе стыр хæс æххæст кæнынмæ йе “ппæт æнкъарæнтæ арæзт кæмæн уыдысты,сæ æмбæстæгты иумиаг адæмон бартæ хъахъхъæнгæйæ сæ цард чи снывонд кодтой,уыдоны мысæн æмæ хъынцъымы бон.

Ирон адæмæн фехъусæггагæй,мыййаг,нæу зындгонд хæсты рис æмæ æввахс адæймæгты фесафыны æнкъарынад.Æрмæстдæр хæсты цæхæртыл чи рацыдис,уыцы адæймаг бамбары,сабырадæй ахсджиагдæр кæй ницы ис,уый».

Цхинвал, 1 август 2011 аз

01.08.2011