Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министыр Джиоты М. К. æрвитæккаг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг Хъуыддæгты министр В. В. Ястребчакмæ Инæлар-булкон С. Ф. Кицакы фæзианы охыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. тæфæрфæсы тел æрвыста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В. Ястребчакмæ инæлар-булкъон С.Ф Кицакы фæзианы охыл.

Телы дзырдæуы:

«Арф æрхæндæг æнкъарæнтимæ фехъуыстон инæлар-булкъон Стефан Флоры фырты æнафон фæзиан.
Приднестровьейы адæмы аккаг фырт, патриот,стыр хæстон хъайтарон адæймаг Стефан Флоры фырты ахæмæй базыдддой, куыд нæ иумиаг райгуырæн бæстæ-Советон Цæдисы интерестæ æмæ æдасдзинады хъайтарон хъахъхъæнæг, афтæ æмæ уый фæстæ та слæууыд Приднестровьейы хъайтарон хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты. Республикæйы иууыл бæрнондæр рæстæджы алыгъызон бæрнон бынæтты кусгæйæ Стефан Флоры фырт йæхи равдыста, куыд фæлтæрд æфсæддон, æхсæнадон æмæ политикон архайæг, афтæ.

Инæлар Кицак уыдис Приднестровьейы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘ хсæн хæлардзинады, солидарондзинады æмæ кæрæдзийы æвварс хæцыны хъуыддаджы хæлардзинады хид чи арæзта, уыцы фыццаг адæймæгтæй сæ иу. Уый цалдæр хаттыты уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ йæм адæм кæддæридддæр дардтой уарзон ахаст, кодтой йын стыр аргь æмæ кад.

Стефан Флоры фырт цардæй кæй ахицæн, ууыл стыр хъыг кæнгæйæ, мах нæ сæр ныллæг къул кæнæм йæ фæлгонцы раз æмæ курæг стæм йæ хиуæттæ æмæ æввахс адæймæгтæн зæгъай нæ зæрдæйы бынæй рацæугæ тæфæрфæстæ.

Цхинвал, 12 август 2011 аз

12.08.2011