Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Гвинджия М.Г мысæн æмæ æрхæндæгдзинады охыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Гвинджия М.Г мысæн æмæ æрхæндæгдзинады охыл.

Æрвитæккаджы дзырдæуы:

«14 август Абхазы нысан цæуы Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты бон, кæцытæ хъайтарон æмæ Гуырдзыстонимæ хæст райдайыны 19 азы. Ацы бон у рис æмæ йæ Райгуырæн бæстæ,хъайтаронæй чи хъахъхъæдта йæ адæймагдзинады хорз миниуджытæ, истори æмæ духовондзинад чи хъахъхъæдта,сæ хæсмæ стыр барындзинады æнкъарæнтимæ чи æрхаста, сæ æмбæстæгты иумиагадæймагадон бартæ чи хъахъхъæдта, уыдоны мысæн бон.

Рæстæг фенын кодта сæ падздзахад саразыны хъуыддаджы абхазаг адæмы равзаргæ фæндаг раст кæй уыдис,уый. Республикæй къухты бафтыдис йæ хæдбардзинад банымайын, рæзы æмæ йæ фидæнмæ кæсы уæндонæй, йæ сыгъдæг фыдæлты зæххыл цæрыны бар хъахъхъæнгæйæ, дзуры мадæлон æвзагыл.
Ирон адæмæн фехъусæккагæй, мыййаг, нæу зындгонд хæсты рис, хион æмæ æввахс адæймæгты фесафын. Æрмæстдæр хæсты цæхæрыл чи рацыдис,уый бамбардзæнис, сабырадæй ахсджиагдæр кæй ницы ис, уый. Уыцы уæззау бонты абхазаг адæмимæ иумæ, æндæр хæстонтæ дæр. Æмæ абон Апсныимæ Хуссар Ирыстон дæр хъынцъым кæны уыцы хæсты амæттæгтыл, сæ рухс ном сын мысгæйæ.

Цхинвал, 16 август 2011 аз

16.08.2011