Хæхон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгийы арфæйы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ

Хæхон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгийы арфæйы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

РХИ Конституцийы Бон 8 апрель бæрæгбонон æгъдауæй кæй нысан цæуы,уый охыл.Хæххон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгий арфæйы тел æрырвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

"Зæрдиагæй Дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци райсыны Боны цытæн!
2011 азы 8 апрель РХИ историйы ссис иттæг ахсджиг цау.

Уыцы бон ист æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Бындурон Закъон,куыд паддзахадон,афтæ йæ иууыл уæлдæр æргъадыл æмбæстæгты сæрмагонд бартæ æмæ сæрибардзинад чи нымайы æмæ иууыл фыццагдæр хæсыл та-уыцы æргъадтæ хъахъхъæнын.Уырны ма азæй-азмæ ацы бæрæгбон æфсымæрон Хуссар Ирыстоны адæмæн кæй хæсдзæнис хæрзиуджытæ,хъæлдзæгдзинад æмæ сомы боныл æууæндындзинад.

Æхцон фадатæй пайда кæнгæйæ мæ фæнды,цæмæй Дын зæгъон,стыр цыты аккаг Мурат Кузьмайы фырт уый æмæ Хæххон-Карабахы Республикæ нырæй фæстæмæ дæр сæрмагонд хъусдард кæй здахдзæнис Республикæ Хуссар Ирыстонмæ,хæларадон ахастытæ арфдæр кæнынмæ æмæ кæрæдзиимæ æмгуысткæнынад нæ республикæты интересты пайдайæн.

Тынг зæрдиагæй мæ фæнды ацы бæрæгбонон боны Дæ æнæниздзинад,амонд,хорздзинад æмæ æнтыстытæ æппæт райдианты дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн".

 

08.04.2011