Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыдтæгты министрады тæфæрфæсы тел Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хуыддæгты Министрадмæ Республикæмæ Абхазы президент Багапш Сергей Уасилы фырт кæй фæзиан, уый тыххæй

Республикæ Абхазы Президент Багапш Сергей Уасилы фырт кæй кæны æмæ хъыгзæрдæсты арф æнкаърæнтимæ æрвиты тæфæрфæсы тел, Республикæ Абхазы президент Багапш Сергей Уасилы фырты йæ цардæй æнæафоны ацыды тыххæй. Сергей Василы фырты номимæ баст у Абхазы историйы ног дуг, стыр ивындзинæдты, демократон рацæрæзтыты æмæ бæрнон уынаффæйы рæстæг. Зынгæ паддзахадон архайæг æмæ политик, куыртхон,къæрцхъус къуыхдариуæггæнæг, кæцы æттæгты уæлдæр æвæргæйæ адæмы æмæ бæстæйы интерестæ, уый æргъгæнæг аргъ кæмæн не скæна, ахæм стыр хайгавæрд бахаста Республикæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны процессмæ,æфсымæрон адæмтимæ иумæ хæларад æмæ æмкустад фæарфдæр кæнынмæ, Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад фидар кæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны Сергей Уасилы фыртмæ кæддæриддæр уыдис æмæ уыдзæнис хæрз ахаст,стыр кад ын кæнгæйæ æмæ бузныджы æнкъарæнтимæ, национ идеямæ йæ æнувындзинады,хъæбатырдзинады æмæ бæрнон ахасты, нæ адæмон иууыл зындæр куы уыдис, уыцы рæстæджы йæ фидар фæдфæдылон фарсхæцынады æмæ хæларадон æххуысы тыххæй.Министрады уырны, Абхазы адæм дæрддæр дæр кæй хъахъхъæндзысты хæдбардзинады идеалты,кæцытæн лæггад кæнынæн йæ цард снывонд кодта Сергей Уасилы фырт.

Не стыр хъыгдзинад зæгъæм Республикæ Абхазы Президенты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн, æппæт абхазаг адæмон.

Хуссар Ирыстоны йын никуы ферох кæндзысты йæ рухс ном».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты
Министрады пресс-службæ
2011 азы 31 май

31.05.2011