ПМР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчакы арфæйы тел РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ РХИ Конституцийы боны охыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Боны 8 апрелы цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

«Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Дын зæгъын, стыр цыт дын кæй кæнын æмæ Дæ курæг дæн, цæмæй мын айсай мæ зæрдиаг арфæйæ нысаниуæгджын нымæц Республикæ Хуссар Ирыстоны конституции райсыны Боны референдумыл 10 азы кæй сæххæст, уый охыл.

2001 азы 8 апрелы Хуссар Ирыстоны адæм æппæтадæмон референдумы бафидар кодтой суверенон паддзахады цæрыны тыххæй сæ историон бар, кæцыйы алкæмæн дæр гарантигонд сты демократон бартæ æмæ сæрибардзинад. Бæрнон æххæстгæнæг хицауад, тыхджын парламент, паддзаходон управленийы сбарстгонд ныфсджын системæ æмæ æмбæстæгты бартæ ифтонг кæныны хъуыддæджы ног Конституци хатдзæгтæ сарæзта Хуссар Ирыстоны демократон паддзахады сырæзтæн æмæ байгом кодта ног этапы йæ размæцыдæн.

Закъоны уæлдæрдзинад ифтонг кæнгæйæ Республикæйы Конституци ссис ныфсджын бындур ног паддзахад саразынæн, сфидар кодта æхсæнадон иудзинад. Адæм конституцимæ сæ хайбавæрд бахæсгæйæ, разæй ма цы зындзинæдтæ ис, уыдоны раз архайæг Бындурон Закъон ссис ахæм факттæй сæ иу, кæцытæ реалонæй сифтонг кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны цæмæй дуне банымайа йæ хæдбардзинад.

Абон Хуссар Ирыстоны æнтыстджынæйæххæст цæуы царды, Конституцийы нысангонд чи сты адæймаджы æргъады æмæ социалон рæстдзинады, сæрибардзинады æмæ адæмон хицауиуæгады паддзахадон арæзтады æмæ æхсæнадон-политикон арæзтады фундаменталон биндуртæ. Бæстæйы бындурон закъоны уагæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуддæгты министрад æппæт тыхтæй дæр ахъаз кæны, цæмæй Республикæ сфид уа дунеон аренæйы, куыд демократон барадон паддзахад æмæ бæрнонджын партнер, афтæ.

Ацы нысаниуæгджын боны Дын зæрдæбынæй мæ цæст уарзы, цытджын Мурат Кузьмайы фырт, æмæ Дæ номæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт кусджытæн сабырад, хорздзинад, хæрзиуджытæ, адæмы интерестæ хъахъхъæныны хъуыддаджы ног æнтыстыты фæндиуæгтæ».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыинистрады министрады
Пресс-службæ
Цхинвал, 2011 азы 8 апрель

08.04.2011