Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад зæгъы стыр аргъ кæй кæны Сахарайаг Арабаг Демократон Республикæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ йæм кæй æрхауд министрадæн зæрдæйын арфæтæ ракæныны кад САДР расидыны Боныл 35 азы сæххæст цытæн.
1976 азы февраль у нысаниуæгджын бон Ныгуылæн Сахарайы адæмы историйы, кæцы бындур рæвæрдта националон паддзахиуæгады райдианæн. Ныгуылæн Сахарайы хæдбар паддзахиуæгадмæ фæндагæн нæй рог æмæ хуымæтæг схонæн, фæлæ уый цæстуынгæйæ æвдисы сахарайы адæмы фæндвидардзинадæн сæ историон равзæрстгонд фæндагмæ, сæрибардзинадмæ æмæ хæдбардзинадмæ сæ æнæивгæ тырнындзинадæн.
Хуссар Ирыстоны уырны Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сахарайаг Арабаг Демократон Республикæйы ‘хсæн æмархайды хæларадон ахастыты æмæ æмкуысткæнынады рæзт, дыууæ фарсы интерестæн дзуапп дæтгæйæ, кæй ахъаз кæндзæнис æппæт адæмты сæрибарады, хиæмбарынады æмæ æмсæрдзинады фундаменталон сæрибардзинады принциптæн.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад пайда кæны ныры фадатæй, цæмæй Сахарайы Адæмон Демократон Республикæимæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сног кæна нæ иууылстырдæр каддзинады ахаст æмæ Ныгуылæн Сахарайы адæмæн зæгъой сабырады, хæрзиуæджы æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ.
2011 азы 27 февраль