Archive

2014 азы 21 ноябры Дзæуæджыхъæуы бæрæгбонон уавæрты байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.

Церемонийы хайад райстой РХИ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Д.С., РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г., РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Такъоты С.К., РХИ УФ Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хъарджиаты Э.К. æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

2014 азы 19 ноябры Цхинвалы уыдис фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Женевайы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады ЕЦ, ЕÆÆО æмæ БНО Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттимæ, кæцытæ нæ Республикæмæ æрцыдысты дискусситы радон раунды хæдразмæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой Женевайы дискусситы тематикæйы æппæт спектрты фарстытыл, кæцытыл æруынаффæ кæнын нысан цæуы ацы аз, декабры.

29 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты ног сæргълæууæг Ян Мишкоцы.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы æруынаффæ кодтой дывæрсыг æмкуысткæнынад æмæ организацийы дарддæры архайдыфарстытыл Хуссар Ирыстоны. Санахъоты Д.Г. бузныг загъта Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Хуссар Ирыстоны цы проекттæ æххæст кæны, уыдон тыххæй æмæ сын банысан кодта сæ нысаниуæг.

Фæстаг рæсæджы Гуырдзыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ се ‘мыдзаг сты ирон æмæ абхазаг адæмты гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ цы æнæкæрон уарзтæй уарзынц, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæй æмæ сыл, æзфæраздæронæй, бæттынц куы се ‘фсымæрдзинад, куы сын Гуырдзыстоны сконды автономи кæй ратдзысты, куы европæйаг перспективæ.

14 октябры Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ираклий Аласания фехъусын кодта дунеон æмæхсæнады тынг æндæвдадæй Гуырдзыстон кæй райдайдзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «деоккупаци» æмæ, зæгъы, дыууæ бæстæйы парламентты нормативон акттæн нæй ницахæм дунеон-барадон нысаниуæг.

Гуырдзыстоны политикты дунеæмбарынады аббераци уыдон джиз дары æцæгдзинадæн объективонæй æсаргъ кæныны хъуыддаджы. Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынады фарст, куыд йæ паддзахадон хицауады органты уынаффæты райст никуыцæй хауы, гуырдзиаг чиновниктæ йын цахæм аргъ скæной, уымæ.

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Дунеон дискусситы 29-æм раунды хатдзæгты тыххæй

2014 азы 7-8 октябры Женевæйы уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Дунеон дискусситы радон раунд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фарстаты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

1 октябры ИНО рæзты Программæйы къухдариуæггæнæг Хелен Кларкимæ фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Майя Панджикидзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Абхазы ИНО рæзты Программæйы проекттæ, гæнæн ис æмæ æххæст æрцæуой Хуссар Ирыстоны дæр.

Дунеон экономикон форумы арæнты Г. Маргвелашвилийы раныхасы фæдыл

29 сентябры, Стамбулы, Дунеон экономикон форумы аренайы гуырдзиаг лидер Г. Маргвелашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд «Гуырдзыстон бафыста 2008 азы евроинтеграцийы тыххæй». Йæ дзырдтæм гæсгæ уый у Гуырдзыстоны «сæрибар равзæрсты тыххæй æфхæрд». Афтæ Гуырдзыстоны ног сæргълæууæг интерпретаци кæны зæронд, раздæр йæ бынаты чи уыдис, уыцы М. Саакашвилийы рæмысæггаг гæдыныхас.

14 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Цхинвалы офисы хъахъхъæнæг хайады Делегат Чингиз Райимбековы.

Химæрайсты рæстæджы уынаффæ цыдис Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайды фарстаты фæдыл Хуссар Ирыстоны. Æлдар Чингиз Райимбеков Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæн информаци радта фæстаг мæйты йæ организаци Хуссар Ирыстоны цы куыстытæ бакодта, уыдоны тыххæй. Сæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой, дыууæтæн дæр пайда чи у, къорд ахæм фарстаты тыххæй.

Цхинвал, 2014 азы 24 сентябрь

 

Хуссарирыстойнаг къухдариуæгад бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ æттагон политикæйы приоритетон фæдæздæхт у Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр æввахсдæр кæныны куыст. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн интеграцийы процесс цæуы интенсивон æгъдауæй. Абоны онг уал къухтæ фыст æрцыдысты 70-йæ фылдæр æхсæнадæмон сразыдзинадыл, уыцы нымæцы ма бакусыны стадийы ноджыдæр сты къорд ног сразыдзинады, уымæй дарддæр ма бадзырдтæ цæуынц хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй гæнæнуæвæг ног бадзырдтыл къухтæ æрфыссыны сæраппонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады статс-секретарь-Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Г.Б. Карасинимæ телефоны кæй ныхас кодта, уый фæдыл

17 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. телефонæй ныхас кодта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады статс-секретарь- министры хæдивæг Г.Б. Карасинимæ.