Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

21 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. йæхимæ райста Альба Асусена Торрес Мехияйы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Никарагуайы Минæварады Фыццаг секретары. Уый æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрст Президент Бибылты Ильяйы фырт Анатолийы инаугурацимæ.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Н.З.

Бæстон ныхасы рæстæджы банысангонд æрцыд дыууæварсон ахастыты фидар æмæ арф кæнынмæ тырнындзинад, уымæй дарддæр ма дзырд цыд кæрæдзийæн цымыдисаг фарстатыл.
Фембæлды кæрон Альба Торресæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Цхинвал, 2017 азы 21 апрель

 

21.04.2017